Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Райс сӕрдӕн зети ӕмӕ дзы байсӕрд Аароны – ауадз ын ӕй йӕ сӕрыл. Ӕрбахон ын йӕ фыртты дӕр ӕмӕ сыл скӕн даргъ хӕдӕттӕ. Аарон ӕмӕ йӕ фыртты астӕутыл ӕрбабӕтт рӕттӕ, ӕркӕн сыл худтӕ, ӕмӕ сӕхӕдӕг ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты сауджынтӕ, мыггагмӕ аивӕн цы ӕгъдауӕн нӕ уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ. Аароны ӕмӕ йӕ фыртты Хуыцауӕн кусджытӕй сӕвӕрыны ӕгъдау бакӕн афтӕ. Аароны йӕ фырттимӕ байсӕрд зетийӕ ӕмӕ сӕ снывонд кӕн Мӕнӕн кусынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау алчертӕй ӕвӕры лӕмӕгъ адӕймӕгты; Ӕгъдау раттыны фӕстӕ Хуыцау цы сомы ракодта, уымӕ гӕсгӕ та Алчерӕй сӕвӕрдӕуыд, мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр Чи сӕххӕст, уыцы Фырты.
Выбор основного перевода