Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыцы дарӕстӕ Аароныл ӕмӕ йӕ фырттыл уыдзысты, Фембӕлды Цатырмӕ мидӕмӕ кӕнӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ нывондхӕссӕнмӕ куы цӕуой, уӕд, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтой ӕмӕ ма амӕлой. Уыцы ӕгъдау Ааронӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн ӕххӕстгӕнинаг у мыггагмӕ. Дыккаг бон Иоанн федта Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Дунейы тӕригъӕд Чи фӕхӕссы, мӕнӕ Хуыцауы уыцы Уӕрыкк. Афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕн тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ. Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстдзинадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.
Выбор основного перевода