Моисей Нуны фырт Йесойӕн загъта: «Равзар лӕгтӕ, ацу ӕмӕ схӕц амаликӕгтимӕ. Райсом ӕз слӕудзынӕн обауы сӕрыл ӕмӕ диссӕгтӕ ӕвдисӕн лӕдзӕг уыдзӕни мӕ къухы».
Йесо бакодта, Моисей йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ: ацыд амаликӕгтимӕ схӕцынмӕ; Моисей, Аарон ӕмӕ Ор та обауы сӕрмӕ схызтысты.
Моисейиу йӕ къухтӕ арвмӕ куы сдардта, уӕд Израил уӕлахиз кодта, йӕ къухтӕиу дӕлӕмӕ куы ӕруагъта, уӕд та – Амалик.
Фӕлӕ Моисейы къухтӕ бафӕлладысты. Уӕд ӕрбахастой дур, ӕмӕ йыл Моисей сбадт. Аарон ӕмӕ йын Ор та йӕ къухтыл хӕцыдысты – Аарон иуӕрдыгӕй, Ор та – иннӕрдыгӕй. Ӕмӕ хуры аныгуылдмӕ Моисейы къухтыл хӕцыдысты хӕрдмӕ.
Уӕдмӕ Йесо Амаликы ӕмӕ йӕ адӕмы фӕкодта цирхъы комы амӕттаг.
Уӕд Моисейӕн Хуыцау загъта: «Ацы хабар зӕрдыл дарынӕн ныффысс чиныджы, ӕмӕ зӕгъ Йесойӕн: Ӕз амаликӕгтӕй зӕххыл мыггаг кӕй нал ныууадздзынӕн».
Моисей хызта йӕ каисы мадиамаг дины лӕг Иофоры, фыстӕ. Иухатт дзуг аскъӕрдта ӕдзӕрӕг ранмӕ дард, ӕмӕ бахӕццӕ Хоривмӕ, Хуыцауы хохмӕ.