Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз уын цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уый сӕххӕст кӕнут; иннӕ хуыцӕуттӕм ма кувут, сӕ ном уӕ дзыхӕй ма суадзут. Уӕд сын сӕ хуыцӕуттӕм ма кувут ӕмӕ сын ма табу кӕнут, уыдонмӕ кувджытӕн сӕ хъуыддӕгтӕ ма фӕзмут, фӕлӕ сын ныддӕрӕн кӕнут сӕ мӕнгхуыцӕуттӕ ӕмӕ сын ныссӕттут, нывондтӕ кӕй цур хӕссынц, сӕ уыцы дуртӕ. Уӕхи бахизут, кӕдӕм бацӕудзыстут, уыцы зӕххы цӕрджытимӕ цӕдис саразынӕй, науӕд сӕ къӕппӕджы бахаудзыстут. Уыцы зӕххы цӕрджытимӕ цӕдис ма саразут; уымӕн ӕмӕ сӕ хуыцӕутты сӕраппонд сӕхи куы ӕлгъаг кӕной ӕмӕ сӕ хуыцӕуттӕн нывондтӕ куы хӕссой, уӕд уӕ ма фӕхоной ӕмӕ сӕ нывондтӕй ма фӕхъӕстӕ уат.
Выбор основного перевода