Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Моисей хохыл дзӕвгар кӕй ныффӕстиат, адӕм уый куы федтой, уӕд ӕрӕмбырд сты Аароныл ӕмӕ йын загътой: «Сараз нын, нӕ разӕй чи ацӕудзӕн, ахӕм хуыцау. Уымӕн ӕмӕ мах, Мысыры зӕххӕй ракӕнӕг Моисейыл цы ӕрцыд, уый нӕ зонӕм». Аарон сын загъта: «Уӕ устыты, уӕ фыртты ӕмӕ уӕ чызджыты хъустӕй рафтаут хъусцӕджытӕ, ӕмӕ сӕ ӕрхӕссут мӕнмӕ». Пилат федта, адӕммӕ кӕй ницы хъары, уый; нӕ фӕлӕ ма змӕнтын дӕр райдыдтой. Уӕд райста дон, цӕхсадта йӕ къухтӕ адӕмы раз ӕмӕ загъта: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн ацы тугкалды. Уӕ бар уӕхи». Уӕд сын рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ радта дзуарыл байтындзынмӕ. Фӕлӕ хъӕрӕй сӕ фӕнд тардтой – домдтой Йесойы байтындзын. Сӕ хъӕрӕй басастой Пилаты,
Выбор основного перевода