Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ацу, ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы хистӕрты ӕмӕ сын зӕгъ: „Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, фӕзынди мӕнмӕ ӕмӕ загъта: ‘Мӕ мӕт сымахыл уыд, ӕмӕ федтон, Мысыры уын цы митӕ кӕнынц, уый, Адӕмы хистӕртӕ дӕ коммӕ бакӕсдзысты, уыдонимӕ бацӕудзынӕ мысыраг паддзахмӕ ӕмӕ йын зӕгъдзыстут: „Фӕзынди нӕм Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау; уӕдӕ нӕ ауадз, ӕмӕ ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг ранмӕ, ӕмӕ уым нывондтӕ ӕрхӕсдзыстӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“. Хуыцау загъта Моисейӕн: «Ааронӕн зӕгъ: „Райс дӕ лӕдзӕг, ӕмӕ дӕ къух радар мысырӕгты дӕттӕм: сӕ цӕугӕдӕттӕм, сӕ донуадзӕнтӕм, сӕ цадтӕм, сеппӕт донмарӕнтӕм – ӕмӕ дон фестдзӕни туг. Туг уыдзӕн ӕппӕт мысыраг зӕххыл – хъӕдын ӕмӕ дурын мигӕнӕнты“». Моисей ӕмӕ Аарон бакодтой, Хуыцау сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Аарон уӕлӕмӕ сдардта йӕ лӕдзӕг, фараоны ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинты цӕстыты раз ӕрцавта Нилы цӕугӕдон, ӕмӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр фестади туг;
Выбор основного перевода