Ӕппӕт израилаг адӕм ӕдзӕрӕг быдыры хъуырхъуыр байдыдтой Моисей ӕмӕ Аароныл.
Израилаг адӕм сын загътой: «Дзидзайӕ дзаг цуайнӕгты уӕлхъус кӕм бадтыстӕм, дзул нӕ фаг кӕм хордтам, фӕлтау уыцы мысыраг зӕххыл Хуыцауы къухӕй неппӕт дӕр куы амардаиккам! Сымах нӕ ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ стонгӕй мӕлынмӕ рахуыдтат».