Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ йын йӕ ныхасыл чи баууӕндыд, уыдоныл саргъуыдӕуыд, ӕмӕ уыцы бон уырнджытыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц. Кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн уыдысты уарзон; Хицау та сын сӕ нымӕцыл ӕрвылбон ӕфтыдта, кӕй ирвӕзын кодта, уыдоны. Ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой Хицауыл ӕууӕндджытӕ – сӕ нымӕцыл ӕфтыд бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Иерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл; сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл. Хуыцау сын лӕвӕрдта тых, бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ӕрцыдысты Хицаумӕ. Варнавӕ хорз лӕг уыд, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Хицаумӕ ӕрцыд бирӕ адӕм. Уыдон ӕм байхъуыстой, арфӕ ракодтой Хуыцауӕн ӕмӕ Павелӕн загътой: «Ӕфсымӕр, уыныс, цал мин иудейы баууӕндыд! Ӕмӕ сеппӕт дӕр ӕнувыд сты Моисейы Ӕгъдауыл.
Выбор основного перевода