Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Петр ӕмӕ Иоанны иудейаг хицӕуттӕ ныфсджынӕй куы федтой, стӕй кӕй никуы ахуыр кодтой ӕмӕ хуымӕтӕг лӕгтӕ кӕй сты, уый куы бамбӕрстой, уӕд сеппӕт дӕр дисы бафтыдысты; уалынмӕ базыдтой, Йесоимӕ кӕй уыдысты, уый. Куы бакуывтой, уӕд нынкъуысти, кӕм уыдысты, уыцы бынат, сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас дзырдтой ныфсджынӕй. Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм, ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл куыд федта Хицауы, Хицау куыд дзырдта йемӕ, Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ. Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуамӕ загъдӕуыдаид. Фӕлӕ йыл кӕй не 'рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ цӕуӕм муртаттӕм. Ныфсджынӕй ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй. Кувут мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд мын Хуыцау ратта ӕвзаг, ӕмӕ ӕз ныфсджынӕй раргом кӕнон фарны уацы сусӕгдзинад.
Выбор основного перевода