Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ныр та уӕм сидын, цӕмӕй уӕ ныфс ма асӕтта. Сымахӕй иу адӕймаг дӕр нӕ фесӕфдзӕн; ӕрмӕстдӕр нау фесӕфдзӕн. Ӕз Кӕй дӕн ӕмӕ Кӕмӕн кусын, уыцы Хуыцауы зӕд мӕм фӕзынд дысон Ӕмӕ мын загъта: „Ма тӕрс, Павел! Ды хъуамӕ ӕрлӕууай кесӕры раз, ӕмӕ дын Хуыцау балӕвар кодта, демӕ чи цӕуы, уыдоны иууылдӕр". Уӕдӕ ма тӕрсут, хорз адӕм, ӕз Хуыцауыл ӕууӕндын: куыд мын загъдӕуыд, афтӕ уыдзӕн. Фӕнды нӕ, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, мах Асийы цы зынтӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй. Мах ахӕм стыр хъизӕмары хай фестӕм, ӕмӕ удӕгасӕй баззайыны ӕнхъӕл нал уыдыстӕм. Мах кастыстӕм мӕлӕты цӕстытӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау бахызта. Уый фервӕзын кӕндзӕн мах, ӕмӕ Йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм: фервӕзын нӕ кӕндзӕни ноджыдӕр,
Выбор основного перевода