Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
«Хорз адӕм, ӕз уынын, фӕндагыл нӕ баййафдзӕн бӕллӕх, ӕмӕ стыр зиан ӕрцӕудзӕн ӕрмӕст уӕзӕгтыл ӕмӕ науыл нӕ, фӕлӕ нӕхиуыл дӕр». Уӕдӕ ма тӕрсут, хорз адӕм, ӕз Хуыцауыл ӕууӕндын: куыд мын загъдӕуыд, афтӕ уыдзӕн. Уӕд Павел сӕдӕйыхицауӕн ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн загъта: «Уыдон науыл куы нӕ баззайой, уӕд уын фервӕзӕн нӕй». Уӕд сеппӕт дӕр фӕныфсджын сты ӕмӕ бахордтой. Уымӕй стӕм ныфсджын неппӕт зынты, цӕмӕй цавӕрфӕнды зынтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн та мах ӕвӕрӕм ныфс, Хуыцау нӕхицӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдӕттӕй. Мах ссӕндынц алырдыгӕй, фӕлӕ нӕ басӕттын нӕ фӕразынц; цы гӕнгӕ нын у, уый нал фӕзонӕм, фӕлӕ нӕ ныфс нӕ асӕтты; Ӕфхӕрынц нӕ, фӕлӕ нӕ Хуыцау нӕ ныууагъта; ӕрыссӕндынц нӕ, фӕлӕ нӕ мӕлӕм.
Выбор основного перевода