Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Адӕмы мыггагӕн Ӕз скӕндзынӕн кӕрон, уымӕн ӕмӕ зӕхх байдзаг сӕ фыдмитӕй. Сӕ фӕд дӕр сын фесафдзынӕн зӕххыл.
Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доны хъаймӕт, ӕмӕ фесафдзынӕн, арвы бын уд кӕй мидӕг ис, уыдоны сеппӕты дӕр; зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдон амӕлдзысты.
Уымӕ гӕсгӕ уӕдыккон дуне фӕдӕлдон ӕмӕ бабын.