Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Радзырд Нойы царды тыххӕй. Ной уӕды заманы адӕмы ӕхсӕн уыди рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕнаипп адӕймаг; Нойы цард Хуыцауӕн уыди фӕндиаг. Цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд ӕмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ хордтой ӕмӕ нуӕзтой, хастой устытӕ ӕмӕ цыдысты моймӕ. Ӕмӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты, цалынмӕ доны хъаймӕт ӕрцыд ӕмӕ сеппӕты дӕр фесӕфта, уӕдмӕ. Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр афтӕ уыдзӕн. Ӕмӕ Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыды рӕстӕг дӕр. Хордтой, нуӕзтой, хастой устытӕ, цыдысты моймӕ, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд ӕмӕ доны хъаймӕт сеппӕты дӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ. Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыд, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстгӕнӕгыл. Кӕддӕр Хуыцауӕн чи нӕ басаст, уыдонӕн. Хуыцау сын быхста ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, цалынмӕ Ной нау арӕзта, уӕдмӕ. Уыцы науы ӕрмӕст цалдӕрӕй – аст адӕймаджы – фервӕзтысты доны фӕрцы.
Выбор основного перевода