Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Мадиамаг сӕудӕджертӕ сӕ рӕзты куы рацӕйцыдысты, уӕд ӕфсымӕртӕ Иосифы сластой уӕрмӕй, ӕмӕ йӕ измаилӕгтӕн ауӕй кодтой ссӕдз ӕвзист сиклыл. Уыдон та йӕ семӕ акодтой Мысырмӕ. Мах дзуапп радтам не 'лдарӕн: „Ис нын зӕронд фыд ӕмӕ кӕстӕр ӕфсымӕр – нӕ фыдӕн ӕрӕджиауы фырт; йе 'фсымӕр амард ӕмӕ мадызӕнӕгӕй ӕрмӕст уый баззад; ӕмӕ йӕ нӕ фыд бирӕ уарзы“. Сымахмӕ мӕнӕн фыдбылыз саразыны фӕнд уыди, фӕлӕ йӕ Хуыцау раивта хорзӕхӕй, цӕмӕй бакӕна, ныртӕккӕ куыд рауад, афтӕ: бирӕ адӕмы бахызта мӕлӕтӕй.
Выбор основного перевода