Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Бирӕ мулк сӕм кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сын зӕхх афтӕ скъуындӕг, ӕмӕ сӕ бон иумӕ цӕрын нал уыдис. Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы ӕппӕт дӕлвӕз, ӕмӕ араст скӕсӕнмӕ. Афтӕ Аврам ӕмӕ Лот фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ. Дӕуӕн, дӕ фӕстӕ та дӕ байзӕддӕгтӕн, Ӕз ратдзынӕн, ды ныртӕккӕ ӕрцӕуӕггаг кӕуыл дӕ, Ханааны уыцы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр. Ӕз ӕй мыггагмӕ ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау». Авраамыл цы арфӕ бафтыдта, уыцы арфӕ ӕрцӕуӕд дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл дӕр, цӕмӕй, Хуыцау Авраамӕн кӕй радта ӕмӕ ды ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх бауа дӕу».
Выбор основного перевода