6
Исав акодта йӕ устыты, йӕ фыртты, йӕ чызджыты, йеппӕт хӕдзаронты, йемӕ атардта йӕ дзугтӕ ӕмӕ йӕ фос иууылдӕр; йемӕ айста, Ханааны зӕххыл цы мулк скодта, уый ӕгасӕй дӕр, ӕмӕ йе 'фсымӕр Иаковӕй ацыд ӕндӕр зӕхмӕ.
Аврам йемӕ акодта йӕ ус Сарӕйы, йе 'фсымӕры фырт Лоты, йемӕ айста, цы сӕм ӕрбамбырд, уыцы мулк. Йемӕ ма ракодта, Харраны кӕй балхӕдтой, ӕппӕт уыцы адӕмы. Афтӕмӕй араст сты Ханааны зӕхмӕ, ӕмӕ ӕрцыдысты уырдӕм.