Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Лиа ноджыдӕр басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Мӕ лӕг мӕ кӕй нӕ уарзы, уый фехъуыста Хуыцау, ӕмӕ мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Лиа йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном – Симеон. Лиа та ногӕй басывӕрджын, ныййардта лӕппу ӕмӕ загъта: «Ныр мӕ лӕг мӕнӕй фылдӕр никӕйуал уарздзӕн – ӕртӕ фырты йын ныййардтон». Уымӕ гӕсгӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном, – Левий. Уый фӕстӕ Лиа ныййардта чызг, ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном – Динӕ. Симеон ӕмӕ Левий – ӕфсымӕртӕ. Сӕ цирхъытӕ – ӕгъатыр хӕцӕнгӕрзтӕ. Сӕ сусӕгвӕндты семӕ нӕ уыдзынӕн, сӕ хъуыддӕгтӕй мӕхи нӕ фӕчъизи кӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ фырмӕстӕй мардтой нӕлгоймӕгты; хиирхӕфсынӕн лыг кодтой стурты нуӕрттӕ. Ӕлгъыст у сӕ маст, уымӕн ӕмӕ йын бауромӕн нӕй; ӕлгъыст у сӕ фыцгӕ маст, уымӕн ӕмӕ ӕгъатыр у! Ныддихтӕ сӕ кӕндзынӕн Иаковы зӕххыл, ныххӕлиу сӕ кӕндзынӕн ӕппӕт Израилыл.
Выбор основного перевода