Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕппӕт зӕхх дӕ цӕстыты раз нӕй, мыййаг? Ахицӕн у мӕнӕй. Ды галиуырдӕм куы ацӕуай, уӕд ӕз та рахизырдӕм ацӕудзынӕн; ды рахизырдӕм куы ацӕуай, уӕд ӕз та галиуырдӕм ацӕудзынӕн». Авимелех Авраамӕн загъта: «Дӕ разы ис мӕ зӕхх; кӕм дӕ фӕнды, уым цӕр». Ӕмӕ мӕм ӕркӕнут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры. Ӕз афтӕмӕй базондзынӕн, сымах сгарджытӕ нӕ, фӕлӕ раст адӕм кӕй стут. Уӕд уын ратдзынӕн уе 'фсымӕры, уыдзӕн уын ацы зӕххыл сӕрибарӕй цӕуыны бар“». Израилӕгтӕ ӕрцардысты мысыраг зӕххыл, Гесемы; зӕхх уыди сӕхи, цот уагътой ӕмӕ тынг сбирӕ сты.
Выбор основного перевода