Авраам акаст ӕмӕ уыны: ӕртӕ лӕджы лӕууынц йӕ акомкоммӕ. Куыддӕр сӕ ауыдта, афтӕ цатырмӕ бахизӕнӕй азгъордта сӕ размӕ, зӕххы онг сын акуывта,
Иосиф та Мысыры хицау уыди, ӕмӕ хор уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Ӕрцыдысты Иосифы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ йын зӕххы онг ӕркуывтой.