Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Сыгъдӕг Фысты рагацау загъдӕуыди, Хуыцау муртатты кӕй сраст кӕндзӕн уырнындзинады фӕрцы; ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн развӕлгъау фехъусын кодта фарны уац: «Дӕ фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Хуыцау та зӕрдӕ бавӕрдта Авраамӕн ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн. Фыст нӕу «байзӕддӕгтӕн дӕр», ома, бирӕ адӕмӕн, фӕлӕ фыст у иуы тыххӕй: «ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн». Уыцы байзӕддаг Чырысти у. Сымах стут пехуымпарты байзӕддаг ӕмӕ фидыды бындартӕ. Уыцы фидыд Хуыцау сарӕзта уӕ фыдӕлтимӕ, Авраамӕн мӕнӕ афтӕ куы загъта, уӕд: „Дӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр". Ӕз Мӕ арфӕ бафтаудзынӕн дӕуӕн арфӕгӕнджытыл, ралгъитдзынӕн де 'лгъитӕджы; дӕ фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ». Ӕз ӕй уый тыххӕй сӕвзӕрстон, цӕмӕй йӕ хъӕбултӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн бафӕдзӕхса йӕ мӕлӕты фӕстӕ Хуыцауы фӕндагыл цӕуын, Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй ӕмӕ рӕстӕй цӕрын, цӕмӕй Хуыцау Авраамӕн ратта, зӕрдӕ йын цӕмӕй бавӕрдта, уый». Авраам сыстади райсомӕй раджы, саргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, йӕ цумагӕнӕн лӕппутӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исаакы акодта йемӕ, ныссаста сугтӕ нывонд басудзынӕн ӕмӕ араст, Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм. Уымӕн ӕмӕ Авраам Мӕнӕн коммӕгӕс уыди, ӕххӕст кодта Мӕ амындтытӕ, Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме 'гъдӕуттӕ».
Выбор основного перевода