Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕз дын ратдзынӕн бирӕ байзӕддаг, зӕххыл змис куыд бирӕ ис, афтӕ. Кӕд искӕмӕн йӕ бон зӕххыл змисы муртӕ банымайын у, уӕд дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр уыдзӕни банымайӕн. Хуыцау Аврамы ракодта ӕддӕмӕ ӕмӕ йын загъта: «Скӕс арвмӕ, ӕмӕ кӕд стъалытӕ банымайын дӕ бон бауа, уӕд сӕ банымай». Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Афтӕ бирӕ уыдзысты дӕ байзӕддӕгтӕ дӕр». Ды мын куы загътай: „Ӕз дын уыдзынӕн хӕрзгӕнӕг, афтӕ бирӕ байзӕддӕгтӕ дын ратдзынӕн, ӕмӕ сын банымайӕн нӕ уыдзӕни, денджызы змисӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ“». Ревеккӕйӕн загътой арфӕйы ныхӕстӕ: «Нӕ хо! Дӕуӕй райгуырӕнт мингай минтӕ, дӕ байзӕддӕгты бауӕнт се знӕгты сахартӕ». Уӕларвон стъалытӕ куыд сты, афтӕ бирӕ дын скӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ ацы зӕххытӕ ӕгасӕй дӕр ратдзынӕн уыдонӕн. Дӕ байзӕддӕгты фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ. Хуыцау загъта: «Ӕцӕгӕй дӕ Мӕ арфӕты бын фӕкӕндзынӕн ӕмӕ дын ратдзынӕн тынг бирӕ цот».
Выбор основного перевода