Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Хуыцау Авраамы куы фӕлвӕрдта, уӕд Авраам, уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы нывондӕн ӕрхаста Исаакы. Кӕд ын зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, уӕддӕр цӕттӕ уыд йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ. Исаакы тыххӕй та йын афтӕ загъд уыди: «Исаакӕй чи райгуыра, уыдон нымад уыдзысты дӕ байзӕддӕгтыл». Авраам ӕууӕндыди, Хуыцауӕн Йӕ бон кӕй у мӕрдтӕй дӕр райгас кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау Авраамӕн фӕстӕмӕ радта йӕ фырты, ӕмӕ уый фӕсномыгӕй амыдта фидӕнмӕ. Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг – мыггагмӕйы цард.
Выбор основного перевода