Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Измаилы тыххӕй цы куырдтай, уый дӕр фехъуыстон: Ӕз ыл ӕнӕмӕнг бафтаудзынӕн Мӕ арфӕ, рацӕудзӕн ын бирӕ зӕнӕг, ӕмӕ йын тынг сбирӕ кӕндзынӕн йӕ байзӕддаг; уымӕй райгуырдзысты дыууадӕс ӕлдары; рауадздзынӕн дзы разагъды адӕм. Мысыраг сылгоймаг Агар, Саррӕйы лӕггадгӕнӕг, Авраамӕн кӕй ныййардта, мӕнӕ йӕ уыцы фырт Измаилы байзӕддӕгтӕ; Адон сты Измаилы фыртты нӕмттӕ, чи сӕ куыд раздӕр райгуырд, уымӕ гӕсгӕ: Измаилы хистӕр фырт Наваиоф, йӕ фӕстӕ Кедар, Адбеел, Мивсам, Мишма, Дума, Масса, Хадад, Фема, Иетур, Нафиш ӕмӕ Кедма. Уыдон сты Измаилы фырттӕ ӕмӕ сӕ нӕмттӕ – дыууадӕс мыггаджы ӕлдӕрттӕ. Сӕ нӕмттӕ хӕссынц, кӕм ӕрбынатон сты ӕмӕ хӕтӕнхуагӕй кӕм цардысты, уыцы бынӕттӕ дӕр.
Выбор основного перевода