Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Дунедарӕг Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатыр бакӕн, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!» Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Дунедарӕг Хуыцауы цагъартӕ сты; фервӕзӕн цы амалӕй ис, уыдон уын уый тыххӕй дзурынц». Ӕндӕр ран дӕр ма куыд загъд у, афтӕ: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ». Ӕмӕ Йӕ Хуыцау расидти Мелхиседекы хуызӕн Алчерӕй. Мелхиседек уыди Салимы паддзах, Дунедарӕг Хуыцауы алчер. Паддзӕхты ныддӕрӕн кӕныны фӕстӕ Авраам куы ӕрбацӕйздӕхт, уӕд Мелхиседек рацыд йӕ размӕ ӕмӕ йыл Хуыцауы арфӕ бафтыдта. Сауджынты – Левийы байзӕддӕгты лӕггад уыд адӕмӕн лӕвӕрд Ӕгъдауы бындур. Алцыдӕр уыдоны фӕрцы куы сӕнаипп уыдаид, уӕд ма цӕмӕн хъуыди, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы хуызӕн у, зӕгъгӕ, Кӕй тыххӕй загъд у, ахӕм ӕндӕр Алчер?
Выбор основного перевода