Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Аврам загъта Лотӕн: «Мӕн ӕмӕ дӕу ӕхсӕн, мӕ фыййӕутты ӕмӕ дӕ фыййӕутты ӕхсӕн хъаугъа ма уӕд; уымӕн ӕмӕ мах хӕстӕджытӕ стӕм. Ды мын цот нӕ радтай, ӕмӕ мӕ хӕдзары райгуырӕг цагъар уыдзӕни мӕ бындар». Алы лӕппу дӕр сунӕтгонд хъуамӕ ӕрцӕуа йӕ райгуырынӕй ӕстӕм бон – афтӕ уӕм уӕд фӕлтӕрӕйфӕлтӕрмӕ: хӕдзары чи райгуырд, уый дӕр, стӕй дӕ байзӕддагӕй чи нӕу, фӕлӕ ӕцӕгӕлонӕй ӕхцайӕ кӕй балхӕдтай, уый дӕр. Ӕнӕмӕнг сунӕтгонд уӕд, дӕ хӕдзары чи райгуырд, уый дӕр, ӕмӕ де 'хцайӕ кӕй балхӕдтай, уый дӕр. Афтӕмӕй Мӕ фидыд уӕ буарыл уыдзӕни мыггагмӕйы фидыд. Авраамимӕ сунӕтгонд ӕрцыдысты, йӕ хӕдзары чи райгуырд, ӕцӕгӕлон адӕмӕй ӕхцайӕ кӕй балхӕдта – йӕ хӕдзары чи уыди, уыцы нӕлгоймӕгтӕ сеппӕт дӕр.
Выбор основного перевода