Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Адӕймаг райдыдта, хорз ӕмӕ ӕвзӕр циу, уый ӕмбарын, ӕмӕ сси Мах хуызӕн. Ныр йӕ къух куы батаса царды бӕласы дыргътӕй ӕртонынмӕ дӕр, куы дзы бахӕра ӕмӕ куы суа ӕнӕмӕлгӕ». Ай у Адамы байзӕддӕгты чиныг. Хуыцау адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй скодта Йӕхи ӕнгӕс, Адӕймаджы туг чи ныккала, уымӕн йӕ туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы Йӕхи хуызӕнӕй сфӕлдыста. Цӕй, ныццӕуӕм сӕм ӕмӕ сын сӕмхӕццӕ кӕнӕм се 'взаг, иу иннӕйы куыд нал ӕмбара, афтӕ». Иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ ӕгас зӕххыл цӕрынӕн, ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр снысан кодта цӕрыны рӕстӕг ӕмӕ бынат. Йӕ фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм, уӕ поэттӕй иуӕй-иутӕ куыд загътой, афтӕ: „Мах Йӕ хъӕбултӕ стӕм". Ӕмӕ кӕд Хуыцауы хъӕбултӕ стӕм, уӕд хъуамӕ зонӕм, Хуыцау кӕй нӕу, адӕймаг йӕ арӕхстдзинады ӕмӕ йӕ зонды фӕрцы сызгъӕрин, ӕвзист ӕмӕ дурӕй цы фӕлгонцтӕ саразы, уыдоны хуызӕн. Ӕмӕ систут ног адӕймӕгтӕ. Хуыцау уӕ кӕны ногӕй-ногдӕр, цӕмӕй Йӕ базонат ӕмӕ суат уе Сфӕлдисӕджы хуызӕн. Адӕймагӕн йӕ бон у алы сырдты ӕмӕ мӕргъты, хилджыты ӕмӕ денджызон цӕрӕгойты йӕ дӕлбар бакӕнын, ӕмӕ сӕ йӕ дӕлбар дӕр бакодта. Ӕвзаджы та йӕ дӕлбар бакӕнын адӕмӕй никӕмӕн ӕнтысы. Уый у, бауромӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм фыдбылыз, мӕлӕтхӕссӕг маргӕй ӕмыдзаг. Ӕвзагӕй арфӕ кӕнӕм нӕ Хицауӕн – Фыдӕн, ӕмӕ дзы ӕлгъитӕм, Хуыцауы ӕнгӕс кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы адӕмы дӕр.
Выбор основного перевода