Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцау. Уый райдианы уыди Хуыцаумӕ. Ӕппӕт дӕр Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыстӕуыд, уыдонӕй ӕнӕ Уымӕй ницы сфӕлдыстӕуыд. Дуне, стӕй дунейы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый у арв ӕмӕ зӕххы Хицау – лӕджыкъухӕйконд кувӕндӕтты нӕ цӕры. Уымӕн ӕмӕ арвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ цы нӕ уынӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд: уӕларвон уӕлдӕр бынӕттӕ, хицӕуттӕ, ӕлдӕрттӕ, барджынтӕ – ӕппӕт дӕр Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн сфӕлдыстӕуыд. Ноджыдӕр загъд у: «Раздӕр Ды, Хицау, бындур ӕрӕвӕрдтай зӕххӕн, ӕмӕ арв дӕр Ды сфӕлдыстай. Уырнындзинады фӕрцы мах базонӕм: Хуыцау дун-дуне сфӕлдыста Йӕ ныхасӕй – цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕй рацыд, цӕстӕй цы уынӕм, уый. «Ды намысы ӕмӕ кады аккаг дӕ, нӕ тыхджын Хицау ӕмӕ нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай, ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ ӕппӕт дӕр цӕры Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ».
Выбор основного перевода