Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд баталынг уыдзӕни хур, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.
Уыдзӕн ӕвдисӕйнӕгтӕ хурыл, мӕйыл ӕмӕ стъалытыл; зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, фӕйлаугӕ денджызы уынӕрӕй ницыуал зондзысты сӕ сӕрӕн.