Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Уӕд фараон басидт йӕ дӕснытӕм ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕм; ӕмӕ Мысыры дӕснытӕ дӕр сӕ кӕлӕнтӕй бакодтой афтӕ: Алчидӕр сӕ йӕ лӕдзӕг аппӕрста зӕхмӕ, ӕмӕ сын фестадысты кӕлмытӕ; фӕлӕ Аароны лӕдзӕг аныхъуырдта уыдоны лӕдзджытӕ. Фӕлӕ Вар-Йесо (хуыдтой ма йӕ Элима дӕр, ома, кӕлӕнгӕнӕг) уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ архайдта, цӕмӕй сакъадахы хицау уырнындзинадмӕ ма ӕрцӕуа. Ӕмӕ загъта: «О хӕйрӕджы хъӕбул, фӕлитой ӕмӕ налат, рӕстдзинады знаг! Хицауы раст фӕндӕгтӕй адӕмы галиумӕ здахыны куыст искуы ныууадздзынӕ ӕви нӕ? Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Хицау Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй. Ӕнӕбанцайгӕ хъӕлӕбатӕ. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдонӕн сӕ зонд ныззыгъуыммӕ, ныууагътой ӕцӕгад, сты ахӕм хъуыдыйыл хӕст, цыма уырнындзинад ӕфтиаг райсынӕн у. [Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу.]
Выбор основного перевода