[Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Сымах хӕрут идӕдзты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ бирӕ кувут цӕстмӕ. Уый тыххӕй баййафдзыстут карз ӕфхӕрд.]
Ахӕмтӕн хъӕуы сӕ дзых сӕхгӕнын. Уыдон сӕ мӕнгахуырӕдтӕй ӕнӕхъӕн бинонты саразынц зылын фӕндагыл, ӕмӕ сӕ уыцы ӕгадгӕнӕг куыст арӕзт у сӕ дзыппытӕ ныннӕмынмӕ.
Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты,