Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
О Тимофей, цы дын баргонд ӕрцыди, уый бахъахъхъӕн. «Зонынад» кӕй хонынц, ӕцӕгӕй та зонынадимӕ иумӕйагӕй кӕмӕн ницы ис, уый фӕдыл ӕлгъаг дзӕгъӕлы ныхӕсты ӕмӕ ӕнӕзонд быцӕуты ӕмгӕрон ма цу. Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе 'рцыды бонмӕ. Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зондыхос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Выбор основного перевода