Зӕхх уыди ӕмтъеры ӕмӕ ӕдзӕрӕг, ӕгӕрон фурд аныгъуылди мылазон тары, ӕмӕ Хуыцауы Уд зылди доны сӕрмӕ.
Хуыцау загъта: «Уадз дӕтты ӕхсӕн фӕзынӕд ӕрдынцар, ӕмӕ дон фӕхицӕн кӕнӕд донӕй».
Хуыцау сарӕзта ӕрдынцар; ӕмӕ ӕрдынцары бын цы дон уыд, уый фӕхицӕн кодта, ӕрдынцары сӕрмӕ цы дон уыд, уымӕй. Ӕмӕ сси афтӕ.
Хуыцау ӕрдынцар схуыдта арв. Ӕмӕ уыд изӕр, ӕмӕ уыди райсом – дыккаг бон.
Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дӕттӕ ис, уыдон ӕрбамбырд уӕнт иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ.
Ӕппӕт сфӕлдысты размӕ дӕр Уый ис, ӕмӕ ӕппӕтыл дӕр Уый хӕцы.