Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Петра
1 2 3
Параллельные места
Йесо сын райдыдта дзурын: «Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа. Фӕлӕ сымах цӕттӕ дарут уӕхи: дӕтдзысты уӕ тӕрхондӕттӕм ӕмӕ уӕ нӕмдзысты синагогӕты; Мӕн тыххӕй уӕ кӕндзысты хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм, цӕмӕй Мын уыдоны раз уат ӕвдисӕнтӕ. Цырд лӕуут ӕмӕ фынӕй ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыцы афон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Уӕдӕ кӕд исчи афтӕ ӕнхъӕл у, фидар лӕууы, зӕгъгӕ, уӕд кӕсӕд йӕхимӕ, цӕмӕй ма ахауа. Уыдон кӕнынц хиппӕлой ӕмӕ ницӕйаг ныхӕстӕ, чъизи мондӕгты къӕппӕгӕй ахсынц, зылын фӕндагыл цӕуджытӕй нырма ныр чи фӕхицӕн, ахӕмты. Уӕдӕ цы бӕрзонд ранӕй ӕрхаудтӕ, уый ӕрымыс, ӕрфӕсмон кӕн ӕмӕ араз дӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ. Афтӕ куы нӕ уа, куы не 'рфӕсмон кӕнай, уӕд дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын дӕ цырагъдарӕн йӕ бынатӕй айсдзынӕн.
2. Петра
1 2 3
Выбор основного перевода