Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Петра
1 2 3
Параллельные места
Уый тыххӕй ма нын бирӕ дзурын ӕмбӕлы, фӕлӕ нын зын у сымахӕн ӕй бамбарын кӕнын, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут. Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы намысимӕ Йӕ хъӕбулты Хуыцау кӕд равдисдзӕн, уымӕ. Уымӕн ӕмӕ уын нӕ фарны уац мах хъусын кодтам ӕрмӕст ныхасӕй нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ бирӕ ӕвдисӕйнӕгтимӕ. Уӕхӕдӕг зонут, сымахмӕ куы уыдыстӕм, уӕд уӕ сӕраппонд нӕхи куыд дардтам, уый. Ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут уӕлӕрвтӕй Йӕ Фырт Йесойы ӕрцыдмӕ. Уый Хуыцау райгас кодта мӕрдтӕй, ӕмӕ мах ирвӕзын кӕны ӕрцӕуинаг фыдӕхӕй. Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты, Рох уӕ ма уӕнт, сыгъдӕг пехуымпартӕ рагагъоммӕ кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, стӕй уын уӕ апостолты дзыхӕй Хицау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй фехъусын кодта, Йӕ уыцы фӕдзӕхст. Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, ӕппӕт уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, бацархайут, Йӕ разы сыгъдӕгӕй, ӕнаиппӕй ӕмӕ Йемӕ фидыдӕй ӕрлӕууыныл.
2. Петра
1 2 3
Выбор основного перевода