Уымӕн ӕмӕ мӕ цард Чырысти у, мӕлӕт – ме 'фтиаг.
Мӕ буары цӕргӕйӕ куы баззайон, уӕд уый та мӕ хъуыддагӕн пайда у; ӕмӕ цы равзарон, уый нӕ зонын.
Сӕ иу дӕр мӕ сайы йӕхимӕ ӕмӕ иннӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын – уый дзӕвгар хуыздӕр у.