Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Ацы адӕймӕгтӕ иууылдӕр амардысты уырнджытӕй, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдӕуыд, уый нӕ райсгӕйӕ; ӕрмӕст ӕй федтой дардмӕ, цин кодтой ӕмӕ дзырдтой, зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ стӕм, зӕгъгӕ. Афтӕ чи зӕгъы, уыдон сӕ уыцы ныхӕстӕй ӕвдисынц, сӕхи фыдыбӕстӕмӕ кӕй тырнынц, уый. Ӕмӕ цы бӕстӕйӕ рацыдысты, сӕ хъуыдытӕ ууыл куы уыдаиккой, уӕд сын уыдаид аздӕхыны фадат. Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома, уӕларвон бӕстӕмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау дӕр къӕмдзӕстыг нӕу, Йӕхи уыдоны Хуыцау кӕй хоны, уымӕй – сахар уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта.
Выбор основного перевода