12
Ногӕй та уын нӕхи нӕ амонӕм, фӕлӕ уын дӕттӕм, махӕй буц куыд уат, ахӕм фадат. Уӕд уӕ бон ныхкъуырд раттын уыдзӕни, зӕрдӕйы нӕ, фӕлӕ ӕдде цы ис, уымӕй хъал чи у, уыдонӕн.
Иуцасдӕр нӕ ныридӕгӕн дӕр куыд бамбӕрстат, афтӕ: нӕ Хицау Йесойы ӕрцӕуыны бон сымах буц уыдзыстут махӕй, мах та – сымахӕй.
Ау, ногӕй та уын нӕхи амонӕм? Кӕйдӕрты ӕппӕлӕн фыстӕджыты сӕр куыд хъӕуы, афтӕ, мыййаг, махмӕ дӕр сымахӕн равдисынӕн ахӕм фыстӕджытӕ хъуамӕ уа, кӕнӕ уын сӕ уӕхицӕй хъуамӕ райсӕм?