Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уеппӕты цин у. Уӕ аргъуан фехалынӕн нӕ, фӕлӕ йӕ саразынӕн Хицау махӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй ӕгӕр куы раппӕлон, уӕд дӕр нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн. Афтӕ чи зӕгъы, уый зонӕд: нӕ фыстӕджыты фӕсаууонмӕ цавӕртӕ стӕм, хъуыддагӕй дӕр ахӕмтӕй равдисдзыстӕм нӕхи, куы уӕм ӕрцӕуӕм, уӕд. Кӕд мӕн мӕхицӕй раппӕлын хъӕуы, уӕд мӕ бон раппӕлын у, лӕмӕгъ кӕй дӕн, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ Чырыстийы сӕраппонд ӕз райгонд дӕн мӕ лӕмӕгъдзинадӕй, ме 'фхӕрдӕй, мӕ хъуӕгтӕй, мӕ фӕдыл кӕй зилынц, уымӕй, мӕ тыхст уавӕртӕй. Уымӕн ӕмӕ тыхджын вӕййын лӕмӕгъӕй.
2. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Выбор основного перевода