Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уеппӕты цин у.
Уӕ аргъуан фехалынӕн нӕ, фӕлӕ йӕ саразынӕн Хицау махӕн цы бартӕ радта, уыдонӕй ӕгӕр куы раппӕлон, уӕд дӕр нӕ фӕхудинаг уыдзынӕн.
Афтӕ чи зӕгъы, уый зонӕд: нӕ фыстӕджыты фӕсаууонмӕ цавӕртӕ стӕм, хъуыддагӕй дӕр ахӕмтӕй равдисдзыстӕм нӕхи, куы уӕм ӕрцӕуӕм, уӕд.
Уыцы ӕвдисӕйнаг раст у. Уымӕ гӕсгӕ сӕ гӕды кӕн ӕгъатырӕй, цӕмӕй хӕцой раст уырнындзинадыл,