Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Петра
1 2 3 4 5
Параллельные места
Фӕлӕ Чырысти мӕрдтӕй райгас – чи амарди, уыдонӕй фыццаг Уый райгас. Арфӕгонд уӕд нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд, фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд ӕмӕ ныфсдӕттӕг Хуыцау. Фӕлӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау мах афтӕ бирӕ бауарзта, Нӕ Хицау Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг, ӕмӕ мах Чи бауарзта, Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын ӕнӕихсигӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕгуырысхо зӕрдӕдарӕн Чи радта, нӕ уыцы Фыд-Хуыцау Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард – ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хорысӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн. Уымӕн ӕмӕ сымах ногӕй райгуырдыстут, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыцы адӕймаджы мыггагӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы цардӕгас ӕмӕ ӕнусон ныхасы руаджы.
1. Петра
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода