Уыдон райгуырдысты нӕдӕр туг ӕмӕ стӕгӕй, нӕдӕр нӕлгоймаджы фӕндӕй, фӕлӕ – Хуыцауӕй.
Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн Хуыцауы Паддзахад фенын йӕ бон нӕ бауыдзӕн».
Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас у цӕрдуд ӕмӕ хъомысджын, цавӕрфӕнды дыком цирхъӕй цыргъдӕр: уый ахъары афтӕ, ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны зӕрдӕ ӕмӕ уд, ӕрхӕджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн.
Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард – ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хорысӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн.