Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Петра
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, уыдонӕн снысан кодта Йӕ Фырты хуызӕн уӕвын, цӕмӕй бирӕ ӕфсымӕрты ӕхсӕн Йӕ Фырт уа фыццаггуырд. Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы. Мах та сымах тыххӕй, Хицау кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн – Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы. Уӕдӕ ӕрцӕуӕм Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй, фидар уырнындзинадимӕ – Йесойы туг нын ссыгъдӕг кодта нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ ссӕрибар стӕм ӕфсармы тӕрхонӕй, нӕ буар нын цӕхсадӕуыд сыгъдӕг донӕй. Ног фидыды Ӕхсӕнылӕг Йесомӕ ӕмӕ, мах чи ссыгъдӕг кодта, Йӕ уыцы Тугмӕ – Авелы тугӕй уыцы Туг хуыздӕрыл дзуры. Израилаг адӕмы ӕхсӕн мӕнгпехуымпартӕ куыд уыдис, афтӕ сымахӕн дӕр уыдзӕн мӕнгахуыргӕнджытӕ; уыдон ӕрхӕсдзысты семӕ мӕлӕтмӕ тӕрӕг мӕнгахуырӕдтӕ, сӕхи атигъ кӕндзысты сӕрибар сын ӕрхӕссӕг Хицауыл, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи ӕвиппайды бакӕндзысты мӕлӕты амӕддаг.
1. Петра
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода