Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Де 'фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд бавдӕл ӕмӕ йын хибарӕй бауайдзӕф кӕн. Ӕмӕ дӕм кӕд байхъуса, уӕд ногӕй ссардтай де 'фсымӕры. Йӕхи пайдайыл мачи тыхсӕд, фӕлӕ алчидӕр тыхсӕд иннӕйы пайдайыл. Ӕз дӕр алы хъуыддаджы алкӕйы зӕрдӕ куыд ӕлхӕнын, афтӕ. Мӕхи пайдамӕ нӕ бӕллын, фӕлӕ бирӕты пайдамӕ, цӕмӕй фервӕзой. Сӕрибармӕ хуынд стут, ӕфсымӕртӕ; ӕрмӕст уӕ сӕрибар ма асайӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ ӕфсадынмӕ, фӕлӕ, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ, уӕ иу иннӕмӕн лӕггад кӕнӕд.
Выбор основного перевода