Баззад сӕм ӕмӕ куыста семӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм Павелимӕ иу дӕсныйад уыди – цатыртӕ аразын.
Афтӕ кӕй у, уымӕй мын ӕппӕт Ахайы дӕр мӕхицӕй ӕппӕлыны бар ничи байсдзӕн – ӕз уый зӕгъын, Чырыстийы ӕцӕгадӕй хайджын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ.
Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхстыхос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй, ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы фарны уац.