Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, зонд ӕмӕ зонындзинад! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ! Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн, цӕмӕй фӕразон уӕвыны, стӕй Сыгъдӕг Фыст цы ныфс дӕтты, уый фӕрцы махӕн уа зӕрдӕдарӕн. Зондыл та ахуыр кӕнӕм алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уырнджыты, ӕрмӕст ацы дунейы зондыл, стӕй сӕ кӕрон кӕмӕн ӕрцӕуы, а дунейы уыцы ӕлдариуӕггӕнджыты зондыл нӕ, Фӕлӕ мах дзурӕм Хуыцауы сусӕг, ӕмбӕхст уӕлзондыл – махӕн намыс раттыны сӕраппонд дуне сфӕлдисыны агъоммӕ кӕй рахаста, Йӕ уыцы уынаффӕйыл.
Выбор основного перевода