Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы. Раздӕр чи уыдыстут, уый уӕ зӕрдыл дарут. Туг ӕмӕ стӕгӕй кӕддӕр муртаттӕ уыдыстут. Сымах ӕнӕсунӕт хуыдтой, сунӕтгонд кӕй хуындӕуы, уыдон (афтӕмӕй та сӕ сунӕт ӕрмӕстдӕр у, адӕймаг буарӕн цы саразы, уый). Уӕды заман уыдыстут ӕнӕ Чырысти, израилаг адӕмӕн ӕцӕгӕлӕттӕ, Хуыцауы бадзырдтӕ ӕмӕ зӕрдӕвӕрдӕй – ӕнӕхай, уӕ зӕрдӕ ницӕуыл дардтат, ацы дунейы цардыстут ӕнӕ Хуыцауӕй. Сӕхӕдӕг дзурынц, куыд ныл сӕмбӕлдыстут, мӕнгхуыцӕуттӕй Хуыцаумӕ куыд раздӕхтыстут, ууыл – сымах систут цардӕгас ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн цагъартӕ,
Выбор основного перевода