Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Иоанна
1 2 3 4 5
Параллельные места
Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцау. Уый райдианы уыди Хуыцаумӕ. Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард ӕппӕт адӕмӕн уыди рухс. Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ ӕрцарди не 'хсӕн, уыди хорзӕхы ӕмӕ ӕцӕгады суадон. Ӕмӕ мах федтам Йӕ намыс – Фыды иунӕг Фырты намыс. Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: Мӕ ныхасмӕ хъусӕгӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕгыл ӕууӕндӕгӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕн – ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бацыд цардмӕ. Стӕй загъта Фомайӕн: «Ӕри-ма де 'нгуылдз ардӕм ӕмӕ фен Мӕ къухтӕ. Ӕри дӕ къух ӕмӕ йӕ бавӕр Мӕ фарсы хъӕдгомы, ӕмӕ ӕнӕуырнӕг ма у, фӕлӕ уырнӕг». Цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый тыххӕй нӕ дзурын нӕ бон нӕу». Мах уын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы тыхы ӕмӕ ӕрцыды тыххӕй куы дзырдтам, уӕд кӕйдӕр къӕбӕлдзыг фӕливӕн аргъӕуттӕ нӕ фӕзмыдтам – нӕхи цӕстӕй Йын федтам Йе стыр намыс. Фыссын уӕм, фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Фыссын уӕм, ӕрыгон лӕппутӕ, уымӕн ӕмӕ сымах басастат хӕйрӕджы. Ныффыстон уӕм, мӕ сывӕллӕттӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат Фыды. Ныффыстон уӕм, фыдӕлтӕ, уымӕн ӕмӕ сымах базыдтат, райдианӕй Чи ис, Уый. Ныффыстон уӕм, ӕрыгон лӕппутӕ, уымӕн ӕмӕ сымах тыхджын стут, Хуыцауы ныхас цӕры уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ басастат хӕйрӕджы.
1. Иоанна
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода