Йесо Елеоны хохыл куы бадт, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕни Де 'рцыды ӕмӕ дунейы фӕуды афон?»
Уыцы бон ӕмӕ сахаты тыххӕй ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – ӕрмӕст ӕй Фыд зоны.
Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут.
Сымахӕн зындгонд у: хуыснӕг кӕцы сахатыл ӕрцӕудзӕн, уый хӕдзары хицау куы зыдтаид, уӕд йӕ хӕдзар фӕкъахын нӕ бауагътаид.
Ӕмӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт».