Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо загъта фӕсномыг ныхас: «Иу сахары уыди, Хуыцауӕй чи нӕ тарст ӕмӕ адӕмӕй дӕр ӕфсӕрмы чи нӕ кодта, ахӕм тӕрхонгӕнӕг. Уыцы сахары цардис иу идӕдз сылгоймаг. Уый-иу арӕх ӕрцыди тӕрхонгӕнӕгмӕ ӕмӕ йын дзырдта: „Мӕ ныхмӕлӕууӕгӕй мӕ фервӕзын кӕн". Фӕлӕ йӕм тӕрхонгӕнӕг цасдӕр рӕстӕг йӕ хъус не 'рдардта. Ӕппынфӕстаг загъта йӕхицӕн: „Ӕз Хуыцауӕй дӕр нӕ тӕрсын ӕмӕ адӕмӕй дӕр не 'фсӕрмы кӕнын. Фӕлӕ мӕ уыцы идӕдз ус ӕнцой нал уадзы ӕмӕ йын баххуыс кӕнон, цӕмӕй мӕм мауал цӕуа, мауал мӕ фӕлмӕцын кӕна"». Хицау загъта: «Хъусут, ӕнӕраст тӕрхонгӕнӕг цы зӕгъы, уымӕ? Уӕдӕ Хуыцауӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕгъстӕ чи кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ Йӕм бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой? Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ӕрцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн, цымӕ?» Уӕ зӕрдӕдарӕн уын уӕд циныхос; уӕ зынты ут фӕразон, кувут ӕнувыдӕй.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода