Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Параллельные места
Бирӕтӕ, цӕстфӕлдахӕг уӕйгӕнджытау, зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм – Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй. Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, худинаджы тыххӕй кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас нӕ зыгъуыммӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр. Уӕ зӕрдӕты нын бынат раттут. Мах никӕй хъыджы бацыдыстӕм, никӕмӕн ракодтам знаггад, никӕмӕй ницы райстам. Цӕмӕй сымах сбӕрзонд уат, уый тыххӕй мӕхи кӕй ӕрныллӕг кодтон, ӕмӕ уын Хуыцауы фарны уац лӕвар кӕй амыдтон, уымӕй ӕз тӕригъӕды, мыййаг, бафтыдтӕн? Мах уын нӕ Хицау Йесо Чырыстийы тыхы ӕмӕ ӕрцыды тыххӕй куы дзырдтам, уӕд кӕйдӕр къӕбӕлдзыг фӕливӕн аргъӕуттӕ нӕ фӕзмыдтам – нӕхи цӕстӕй Йын федтам Йе стыр намыс.
1. Фессалоникийцам
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода